ЦХИНВАЛ, 16 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры гемодиализы хайадæн самал кодтой фæсарæнты ифтонгад. Йе сцалцæг кæнын фæфæстиад ис Транскамы сæхгæныны аххосæй, фехъусын кодта Sputnik гемодиализы хайады хистæр Джиоты Мадина.
Гемодиализ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у республикӕйы 16 адӕймагӕн, уыдон ифтонгады хæлды рæстæджы цæуынц Цæгат Ирыстоны медуагдæттæм.
"Ифтонгады ивинаг хай Германы æрцыд заказ, хуыцаубоны æрхæццæ ис Ростовы онг. Къуырисæр райсом инженертæ ифтонгадимæ хъуамæ æрцыдаиккой Цхинвалмæ, фæлæ Транскам cæхгæдтой митуард æмæ зæйты æрцæуыны тасæй. Куыддæр фæндаг бакæной афтæ специалисттæн фадат фæуыдзæн æрцæуын æмæ сцалцæг кæнын нæ ифтонгад", - загъта Джиоты Мадина.
Уый ма бафтыдта, сæ пациенттæ ныртæккæ кæй сты Дзæуджыхъæуы.
"Уыдон диализ исынц Цæгат Ирыстоны æртæ центры – дыууæ дзы ис Дзæуджыхъæуы æмæ иу та районы", - бафтыдта медик.
Цӕгат Иры гемодиализы центримӕ раздæр фидар ӕрцыд бадзырд, цӕмӕй уӕлвӕткон уавӕрты исой рынчынты Цхинвалӕй.