Уæрæсейаг базæйы Хуссар Иры райдыдта Уæлахизы парады хайадисджыты вакцинаци

Уæлахизы парады хайадисджыты вакцинаци
Уæлахизы парады хайадисджыты вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Рафыссын
Уæлахизы бон Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы æфсæддон парадты хайад райсдзысты дыууæ минæй фылдæр службæгæнæджы, уыдонæй алкæмæн дæр арæзт æрцæудзæн вакцинæ "Спутник V"

ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддон базæйы Хуссар Ирыстоны райдыдта Уæлахизы парады хайадисджыты вакцинаци коронавирусон инфекцийы ныхмæ препарат "Спутник V"-æй. Уый тыхæй æртыццæджы фехъусын кодта УФ Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2021
Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусы ныхмӕ

Банысангонд æрцыд, Уæлахизы бон Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Цæгат Иры, Цæцæн æмæ Дагестаны æфсæддон парадты хайад райсдзысты дыууæ минæй фылдæр службæгæнæджы.

"Хуссар æфсæддон зылды ваксинаци ауадздзысты парады алкæцы хайадисæгæн дæр. Прививкæйы размæ уагъд цæуы арф медицинон басгæрст. Судзин араздзысты службæгæнджыты разыдзинадæй. Препарат куы саразой, уый фæстæ æрдæг сахат æфсæддонтæ уыдзысты медикты хъусдарды бын", - радзырдта зылды минæвар.

Хуссар æфсæддон зылды æдæппæт коронавирусы ныхмæ прививкæтæ сарæзтой 30 минæй фылдæр æфсæддоны, апрелы кæрæттæм та нывæндынц вакцинаци ауадзын 225-æй фылдæр æфсæддонæн, сæ бинонтæ æмæ граждайнаг персоналæн, банысан кодтой зылды.

Ног хабӕртты лентӕ
0