Эксперттæ фехъусын кодтой Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзары фатеры зынгирвæзты аххосаг

© Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы фатеры зынгирвæзты аххосаг ссис цыбыр æндзæвд
Цхинвалы фатеры зынгирвæзты аххосаг ссис цыбыр æндзæвд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Рафыссын
Зынгирвæзт æрцыд æртыццæджы æхсæв цыппар сахатмӕ ӕввахс. Арт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Джиоты Аланы проспектыл бирӕуӕладзыгон хӕдзары хисӕрмагонд фатеры зынгирвæзты аххосаг экспертты хатдзæгтæм гæсгæ ссис электроифтонгад, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.

Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары

Зынгирвæзт æрцыд æртыццæджы æхсæв цыппар сахатмӕ ӕввахс. Арт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды.

"Эксперттæ сбæлвырд кодтой, зӕгъгӕ зынг сирвӕзт, электроифтонгад кӕй стӕвд, уый тыххӕй. Розеткæйы уыд лæмæгъ конд вилкæ, уый стæвд ис æмæ радта цыбыр æндзæвд, уымæй арт уайтагъд ахызт рудзынгæмбæрзæнмæ. Фатеры залы царыл иу уысммæ схæцыд арт", - загътой уагдоны.

Министрады минæвары ныхæстæм гæсгæ, хæдзары хицау йæ хъæбулты хъæбултимæ ралыгъдысты балконмæ.

"Бинонтæ рахызтысты балконмæ, уырдыгæй сæ рахизын кодтой ирвæзынгæнджытæ", - бафтыдта уый.

Зынгсирвӕзты рӕстӕджы зианбаййафджытӕ нӕй. Сыхаг фатертæм арт нæ ахызт, æрмæст сæм ныккалд дон.

Ног хабӕртты лентӕ
0