Бузныджы аккаг дохтыр: Харебаты Заира рынчынтӕн хос кӕны дзырдӕй дӕр

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХаребаты Заира йæ пациентимæ
Харебаты Заира йæ пациентимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Рафыссын
Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй, нымайы нуæртты дохтыр

ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Дриаты Лейла. Дæсныйæдтæй æппæтæй ахсджиагдæр,  зындæр æмæ вазыгджындæр дохтыры дæсныйад у. Медицинæйы дæсныйад у уды æмæ зæрдæйы сгуыхтдзинад. Домы удуæлдайад æмæ сыгъдæг хъуыдытæ. Хорз дохтыры алы хатт дæр Хуыцауæй лæвæрд фæхонынц, ома йæм Хуыцауæй лæвæрд курдиат ис. Ахæм миниуджытæй се ‘ппæтæй дæр æххæст у нуæртты дохтыр Харебаты Заира.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2020
Цхинвалы "сырх зонӕ" фыццаг бонты ӕмӕ ныр медхойы цӕстӕнгасӕй

Адæймаг æвзæр ныхас, тарст ныхас куы фехъусы, уæлдайдæр дохтырæй, уæд уый у маргæй фыддæр, æмæ лæг фесæфы йæ адзалæй раздæр. Лæгъз ныхас та у сой, хуры тын, цъæх арвы рухс, цин, базырджын маргъау, фидар. Лæгæн фесæфы йæ низ, дохтырæй уынгмæ куы рацæуы, уæд.

"Рæвдауæн ныхас æппæт хостæй тыхджындæр у. Ныртæккæ медицинæ стыр къахдзæфтæ акодта размæ, фæзынд бирæ ног хостæ æмæ ифтонггæрзтæ. Уый махæн фадат дæтты адæмæн хæрзхъæд лæггад кæнынæн", - зæгъы Заира.

Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй. Ныфсæй аразгæ у алцы дæр…

"Бузныг, Заира, дæ къухтæ фæрнæй фæдар, дæ лæггад бирæ", - ахæм зæрдæйæ цæуæг ныхæстæ арæх фехъусы рынчынтæй. Уарзынц æй йæ фæлмæндзинад æмæ арæхстдзинады тыххæй. У сыгъзæрин адæймаг æмæ фæлтæрд дохтыр. Фыццаджыдæр йæхицæй карзӕй домы куыст.

"Ныртæккæ тæссаг рæстæг у. Ацы тыхст рæстæджы кусын райдыдтон уæззау рынчынтимæ Республикон клиникон рынчындоны. Карз низимæ тохы бацæугæйæ, дохтыртæ, медицинон хотæ, æппæт медицинон персонал архайдта æххуысхъуаг адæмы фарсмæ балæууыныл", - дзуры Заира.

Æнæнцой адæймаг у Заира, ис æм рæсугъд нысæнттæ æмæ фæндтæ. Йе ‘ххуыс искæй куы бахъæуы, уæд дзы уайтагъд айрох вæййы йæ фæллад æмæ рынчынмæ атагъд кæны хæдзармæ дæр.

Медхо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2020
Гиппократы ардбахæрдыл æнувыд: медхо Хуыгаты Мӕдинӕ "сырх зонӕйы" тыххæй

Цæмæй рынчынæн йæ зæрдæ ма асæтта, низ йæхицæй фæсура, уый тыххæй дохтыр йæ фарсмæ хъуамæ хъæддыхæй лæууа æмæ дзы ныфс бауадза. Ахæм у йæ хъуыды Харебаты Заирайæн.

"Дохтыр хъуамæ йæхиуыл куса, ахуыр кæна алы бон дæр, алы бон дæр исты ногдзинад хъуамæ базона, æнæ уымæй хорз дохтыр нæй", - зæгъы, æнусы æмбис медицинæйы фадыджы чи бакуыста, уыцы фæлтæрд дохтыр.

Йæхæдæг дæр йæ размæ ахæм бæрзонд нысæнттæ кæй æвæрдта, æмæ сæ кæй æххæст кодта, уый тыххæй медицинæйы йæ хъысмæт рауад амондджын. Стæй канд медицинæйы нæ. Уæздандзинад йæ алы уæнджы дæр кæмæн ис, хуымæтæг, фæлæ куырыхон сылгоймаг, дæсны æмæ фæлтæрд дохтырæн Хуыцау ракодта стыр лæвар ныййарæджы, бинонты амондæй дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0