Джиоты мыггаджы фонд сӕндидзын кӕндзӕн рагон кувӕндон Хуссары Иры

© Facebook / Давид ДжиоевДжиоты мыггаджы фонды фембӕлд
Джиоты мыггаджы фонды фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Рафыссын
Xl ӕнусы кувӕндон ис Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы, уый ныридӕгӕн пырх кӕны ӕмӕ йӕ сӕндидзын кӕныны бӕрн йӕхима райста Джиоты мыггаджы фонд

ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джиоты мыггаджы фонд сӕндидзын кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы кувӕндон. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта фонды разамонӕг Джиоты Дауыт.

"Xl ӕнусы кувӕндон Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы пырх кӕны. Ацы хъӕуы цардысты Джиоты мыггаг ӕмӕ банымадтам нӕ хӕсыл кувӕндон сӕндидзын кӕнын", - загъта уый.
Джиоты Люба - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2020
Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайӕн Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн хисӕрмагонд концерт

Джиоты мыггаджы фонд, кӕцы арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны, ацы бонты ауагъта ӕмбырд Хуссар Ирыстоны дӕр. Фембӕлды нысан уыд Цхинвалы бакӕнын мыггаджы совет ӕмӕ фонды филиал.

"Ӕмбырды рӕстӕджы фидар ӕрцыд инициативон къорд, кӕцы ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документаци мыггаджы фонд срегистраци кӕнынӕн Хуссар Ирыстоны. Дзырд ма цыд иумӕйаг проекттӕ ӕмӕ акцитӕ ауадзыныл", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0