ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказаг автомагистралы ранӕй-рӕтты ис бырынцъаг фӕндаг ӕмӕ дзы уары чысыл мит, фӕлӕ трассӕ кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.
"Фӕндаг ис хорз уавӕры. Уары дзы чысыл мит. Фӕндаджы хуссайраг ӕмӕ цӕгаттаг фарсыл ис бырынцъаг фӕндаг, фӕлӕ зымӕгон "резинӕимӕ" шофыртӕн зындзинӕдтӕн нӕ уыдзӕн", - загътой УУМ.
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Транскавказаг автомагистраль 15 февралы кӕй сӕхгӕдтой тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй. Фӕндагон змӕлд бакодтой ивгъуыд цыппӕрӕмы фӕндаг куы асыгъдӕг кодтой митӕй, уӕд.
Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.