ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд "Югоссельхознадзор"-ы сӕргълӕууӕгӕй Гуыцмӕзты Маирбеджы снысан кӕныны фӕдыл. Документ мыхуыр ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл цыппӕрӕмы.
Раздӕр паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕйы сӕргъ лӕууыд Мӕргъиты Алан, кӕцы февралы райдианы нысан ӕрцыд хъӕууон хӕдзарады министрӕй.
"Югоссельхознадзор"-ы ног сӕргълӕууӕджы тыххӕй указ йӕ тыхы бацыд йӕ бафыссыны бонӕй - 25 февралӕй.
Гуыцмӕзты Маирбег 2018 азы онг куыста Хъӕууон хӕдзарады министрады, уый фӕстӕ та нысан ӕрцыд паддзахадон санитарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕйы хистӕры хӕдивӕгӕй. Ацы бынаты уый фӕкуыста абоны онг.