Иууыл тыхджындӕртӕ: Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ рамбылдтой 10 майданы Новочеркасскы

© Photo : Владимир ДудаевХуссарирыстойнаг грэпплертӕ
Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.02.2021
Рафыссын
Грэпплинг Хуссар Ирыстоны фӕзынд бынтон ӕрӕджы, фӕлӕ спорты ацы хуызы ирон минӕвӕртты ном ныридӕгӕн айхъуыст Уӕрӕсейы дӕр

ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ рамбылдтой дӕс майданы Новочеркасскы Кубокы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Дудайты Владимир.

Дудайты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2020
Спорт хистæртæ æмæ сабитæн: Цхинвалы скуыста грэпплингы секци

Пьедесталы уӕлдӕр ӕмвӕзадмӕ схызтысты Алексей Чеботарев, Пӕррӕстаты Олег, Мӕлдзыгаты Марат, Григорий Крайненко, Тасойты Ренат. 

Ӕвзист майданты хицӕуттӕ баисты Максим Мушиц ӕмӕ Сланты Владимир. Бронзӕйон призерты номхыгъдты та сты Куымӕридтаты Марат, Тыджыты Василий ӕмӕ Бекъойты Владимир.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд спорты ацы хуыз республикӕйы бынтон ӕрӕджы фӕзынд, уӕддӕр спортсментӕ сӕхи цӕттӕ кодтой бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

"Нӕ фӕссивӕд сты алкӕмӕй тыхджындӕр, ныхас дӕр дзы нӕй. Алы ерыстӕй дӕр райсынц фӕлтӕрддзинад, кӕцы сын фӕахъаз вӕййы сӕ дарддӕры архайды", - загъта Дудайты Владимир.

Грэпплинг цыбыр ӕмгъуыдмӕ тынг спопулярон ис Хуссар Ирыстоны. Спортсменты цӕттӕ кӕнынц дунейы чемпион FCF MMA версимӕ гӕсгӕ Дудайты Владимир, Нарыкаты Кӕдзӕх ӕмӕ Къусраты Петр.

Грэпплинг – спорты хуыз, кӕцы сарӕзтой бразилиаг джиу-джитсу, уӕгъдибар хъӕбысхӕст, хӕстон самбо ӕмӕ дзюдойы техникӕты бындурыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0