Хуссар Иры равзардзысты Дзауы районы герб

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзау
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Ныридӕгӕн куырдиӕттӕ хӕссынц конкурсы хайад райсынмӕ, къамисы къухы ис фондз куысты, уӕлахиздзау фӕбӕрӕг уыдзӕн уалдзӕджы

ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы конкурсы руаджы равзардзысты гербы эскиз, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой районы пресс-службӕйы.

Конкурсӕн хатдзӕгтӕ скӕнынмӕ хъавыдысты марты райдайӕны, фӕлӕ йын йӕ ӕмгъуд адарддӕр кодтой.

Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2019
Тырыса æмæ герб: Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант

"Районы администрацийы секретариатмӕ ӕрбахастой фондз куырдиаты. Фыццаг рады уал фидӕны районы герб суӕвынмӕ претенденттӕн саргъ кӕндзысты къамисы уӕнгтӕ, уый фӕстӕ та сӕ рахӕсдзысты геральдикайы фӕдыл специалистты ӕркастмӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Уӕлахиздзауы ном фӕбӕрӕг уыдзӕн уалдзӕджы. Конкурсы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, районы гербыл проекты хуыздӕр эскизы хицауимӕ фидар ӕрцӕудзӕн бадзырд.

Конкурс уадзы Дзауы районы администраци, йӕ лыстӕгдзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕны конкурсон къамис.

Ног хабӕртты лентӕ
0