Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ

© Photo : Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2021
Рафыссын
Скъолайы администратор Гӕбӕраты Мæдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ахуырдзаутӕ равдыстой цӕттӕкӕнынады бӕрзонд ӕмвӕзад, кӕцыдӕр сывӕллӕттӕ ӕнтыстджын уыдысты цалдӕр этапы

ЦХИНВАЛ, 1 мар– Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ. Ерысты хайад райстой 44 сывӕллоны, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц "Tesla"-йы скъолайы хуссарирыстойнаг филиалы, фехъусын кодта Sputnik скъолайы администратор Гӕбӕраты Мæдинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы "Tesla"-йы скъола ерыстӕ ауагъта 21 февралы, фæлæ карантины аххосӕй цхинвайлӕгтӕн сӕ бон ацӕуын нӕ бацис. Уый аххосӕй ерыстӕ ацыдысты бынаты.

© Photo : Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2021
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ

"Чемпионаты сӕ бон уыд хайад райсын нӕ ахуырдзаутӕн иууылдӕр, фӕлӕ хъӕппӕрис равдыстой 44 адӕймӕгӕй. Ерыстӕ цыдысты хистӕр ӕмӕ кӕстӕр категориты", - загъта уый.

Гæбæраты Мæдинæйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, чемпионат цыд ӕртӕ этапӕй - уынгӕ, флеш ӕмӕ хъусгӕ.

"Визуалон этапы сывӕллӕттӕн ӕвдыстой 200 хӕслӕвӕрды, аст минут сын дӕттой ӕмгъуыд, ацы рӕстӕг архайдтой фылдæр раст дзуаппытӕ радтыныл. Дыккаг этапы сывӕллӕттӕн хӕслӕвӕрдтӕ кӕнынц дзургӕ, ӕртыккаг ерыс - флешы экраныл ӕрттивынц хæслæвæрдтæ, уыдон сывӕллӕттӕ ӕххӕст кӕнынц абакусыл", - бамбарын кодта уый.

Администраторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ахуырдзаутӕ равдыстой цӕттӕкӕнынады бӕрзонд ӕмвӕзад, кӕцыдӕр сывӕллӕттӕ ӕнтыстджын уыдысты цалдӕр этапы.

"Хорз цӕттӕ сывӕллӕттӕ сты. 2019 азы августӕй фæстæмæ кусӕм ӕмӕ нӕ бакондӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ чызджытӕй иу æрхаста фыццаг бынат ӕмӕ дыууӕ дыккаг бынаты ӕппӕтуӕрӕсеон ерыстӕй", - бафтыдта уый.

© Photo : Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
© Photo : Из архива Мадины ГабараевойЦхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ

2/6

© Sputnik / Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
© Photo : Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
© Photo : Из архива Мадины ГабараевойЦхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
© Photo : Из архива Мадины Габараевой Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
1/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
2/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
3/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
4/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
5/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
6/6
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ

Чемпионаты æртæ этапы хатдзæгтæм гæсгæ, дæс скъоладзауы растой фыццаг бынæттæ, дæс - дыккæгтæ æмæ 11 та æртыккаг бынæттæ.

Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады æмархайдæй Цхинвалы 2019 азы бакодтой менталон математикæйы скъола. Ахуыр цæуы улæфт бонты. Уымæй размæ та скъола конд æрцыд Дзæуджыхъæуы. Йæ нысан у тагъд нымайыны рагон метод сахуыр кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0