Цхинвалы сылгоймаг ӕмӕ йæ фондз сывӕллоны фӕхъӕстӕ сты газӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сылгоймаг ӕмӕ фондз сывӕллоны фӕхъӕстӕ сты газӕй
Цхинвалы сылгоймаг ӕмӕ фондз сывӕллоны фӕхъӕстӕ сты газӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2021
Рафыссын
Газы пец, кӕцы раст ӕвӕрд нӕ уыд, ссис ӕхсӕз адӕймаджы скондӕй бинонты фӕхъӕстӕйы аххосаг

ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ (РБМЦ) бакодтой ӕхсӕз адӕймаджы газӕй фӕхъӕстӕимӕ, уыдонӕй фондз сты сывӕллӕттӕ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Уӕлвӕткон цау ӕрцыд къуырисӕры райсомӕй, 7.31 сахатыл, Мӕскуыйаг микрорайоны бирӕуӕладзыгон хӕдзары фатертӕй сӕ иуы.

Пресс-службӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты УУМ специалисттӕ. Уыдон сбӕрӕг кодтой газ кӕй ахъуызыд хъармгӕнӕн системӕ раст ӕвӕрд кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.

"Газы пец "Никала" сӕвӕрыны рӕстӕджы нӕ ӕххӕст кодтой зынгсирвӕзты домӕнтӕ, уый ссис бирӕсывӕллонджын бинонты фӕхъӕстӕйы аххосаг", - фехъусын кодтой уагдоны.

Ныртӕккӕ сылгоймаг ӕмӕм фондз сывӕллоны цардӕн ницы тас ис, бафтыдтой УУМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0