ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Афоныл аходӕн, хорз уавӕртӕ, хи хатӕн, ӕркаст ӕмӕ райгонд - ӕппӕт ацы хӕрзиуджытӕй ныридӕгӕн хайджын у Цхинвалы карджын цӕрӕг Къусраты Илья, кӕцы цалдӕр мӕйы размӕ фӕцӕймард уазал ӕмӕ ӕххормагӕй.
Къусраты Илья ныридӕгӕн ис Хуссар Ирыстоны медико-социалон центры. Нæлгоймаг аззад адунейыл иунæгæй, нал ын ис зæрдиаг хиуæттæ. Уазал ӕмӕ стонгӕй мӕлӕтӕй нӕлгоймаджы фервӕзын кодтой Алайнаг епархийы моладзан ӕмӕ волонтертӕ.
Алайнаг епархийы сӕйраг аргъуаны раздӕр ӕрвылсабаты арӕзтой ӕнӕргъ аходӕнтӕ иунӕг тыхст адӕмӕн. Ныридӕгӕн уыцы нывӕзт нӕ кусы, фӕлӕ моладзан рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы адӕмы бӕрӕг кӕны сӕ цӕрӕнуӕтты.
"Туристон базӕйы иу чысыл къуымы цард. Моладзанмӕ фӕдзырдта цыппӕрӕм уӕладзыджы цӕрӕг, уый фехъусын кодта, нӕлгоймаг кӕй у иу къуыри ӕххормаг. Уыцы хабар уыд ноябры. Бацыдыстӕм ӕм ӕмӕ нын тыххӕй бакодта дуар", - радзырдта Sputnik волонтер Пæррæстаты Лана.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карджын лӕг хуыссыд сынтӕгыл, йӕ цуры чысыл скъаппы уӕлтӕрхӕгыл уыд 500 сомы, уыдонмӕ нӕлгоймаг амыдта ӕмӕ куырдта дон.
"Дзырдта нын, дыууӕ бон дам доны хъӕстӕ нӕ дӕн, мæ риу дам судзы, ӕвӕццӕгӕн йӕ зӕрдӕйӕ тыхст. Уæд йæ къахыл дæр нал лæууыд", - загъта Лана.
Сылгоймӕтӕ цалдӕр хатты бабӕрӕг кодтой уым рынчыны ӕмӕ стӕй аскъуыддзаг кодтой алы амӕлттӕй дӕр уый бакӕнын Хуссар Ирыстоны медико-социалон центрмӕ.
"Хиуӕттӕ ӕмӕ йын бынтӕ нӕй. Уый центрмӕ бакӕнынӕн нын баххуыс кодта депутат Мулдарты Гарри. Дохтыр Дзуццаты Инара та йын сарӕзта рентген ӕмӕ ӕппӕт гӕххӕттытӕ", - балхынцъ кодта уый.
Пӕррӕстаты Лана ма радзырдта, зӕгъгӕ, уагдоны нӕлгоймагмæ афтӕ хорз ӕркастысты, ӕмӕ ныр йӕ къӕхтыл слӕууыд.
"1942 азы гуырд Къусраты Ильяйы райстам парламенты, сӕрмагондӕй Мулдарты лӕппуйы куырдиатӕй. Цард тынг уӕззау уавӕрты, йӕ хатӕн ранӕй-рӕтты уыд тасмачъийæ ӕмпъыст. Йӕ уӕлӕ та уыйбӕрц чъизи дарӕс уыд, ӕмӕ сӕ тыххӕй раластам. Уыдон иууылдӕр бахъуыд акалын", - радзырдта Sputnik центры хистæр Теблойты Чермен.
Медико-социалон центры ныр нӕлгоймагмæ ис хорз каст, рахицӕн ын кодтой хицӕн хатӕн.
"Ӕркастыстӕм ӕм. Бакодтам ӕй рынчындонмӕ, йӕ хуыз йӕхимӕ рцыд, къахыл слӕууыд. Иннӕтимӕ ныхас кӕны", - радзырдта уагдоны хистӕр.
Къусраты Ильяйӕн хӕстӕджытӕ дӕр ничи зыны. Нӕлгоймагӕн йӕ паспорты ис Къусратӕй иу нӕлгоймаджы телефоны номыр, фӕлӕ уый дӕр нӕ дзуапп кӕны.
"Бирӕтӕ мын лӕггад кодтой, Турбазайы ма куы цардтӕн, уæд - чи хӕлцадӕй, чи мигӕнӕнтӕй, чи та ӕхцайæ. Кургӕ ницы кодтон. Ир гыццыл у, фӕлӕ дзы хорз адӕм бирӕ ис. Хӕстӕджытӕ мын ис Гудзабары Кокойтӕй, нӕ ныййарджытӕ хотӕ уыдысты, стӕй дзы мӕхи мыггагӕй дӕр ис, фӕлӕ уыдонӕй мӕн никуы ничи рфарста", - радзырдта Илья.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдис ын мадызæнæгтæ дæр, фæлæ ныр уыдонæй сæрæгас ничиуал у.
"Беридзуары цардтӕн Къоркъуламӕ хӕстӕг. Фӕлӕ нӕ лидзын бахъуыд. Мӕ дыууӕ хо æмæ æфсымæр дӕр амардысты, сӕ маст мӕ бынтон бахордта", - радзырдта Илья.
Лӕг ныр сфидар ис ӕмӕ райзæрдæйæ цӕры центры, æрмæст ма катай кӕны, Турбазӕйы йӕ хатӕны цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдоныл.