Хуссар Иры амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн

© YouTube / ГТРК ИрХуссар Ир амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн
Хуссар Ир амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Рафыссын
Паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ ног хӕдзары арӕзтадӕн ӕмӕ ӕрдӕгарӕзт хӕдзар баххӕст кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы амайынц 60 квадратон метры хӕдзар Гӕззаты бинонтӕн, кӕцытӕн сӕ цӕрӕнуат басыгъд мӕйы размӕ, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой районы пресс-службӕйы.

© YouTube / ГТРК ИрХуссар Иры амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн
Хуссар Иры амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Хуссар Иры амайынц цӕрӕнуат басудзгӕ хӕдзары хицӕуттӕн

Дыккӕгӕм февралы Дзауы районы басыгъд зынгирвӕзты рӕстӕджы бирӕсывӕллонджын бинонты хӕдзар.

"Гӕззаты бинонтӕн цы хӕдзар басыгъд, уымӕ хӕстӕг сӕ кӕстӕр фырт аразы хӕдзар, уый кӕронмӕ сцӕттӕ кӕнынӕн президент рахицӕн кодта 900 мин сомы. Стӕй ма бинонтӕн ногӕй самайдзысты 60 кв.метры хӕдзар, уымӕн йӕ арӕзтад райдыдта",- загъта пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы

Уый ма бафтыдта, стыр бинонты дыууӕ фырт уымӕй размӕ райстой фатертӕ.

"Дзауы районы цы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ сарӕзтой, уым ацы бинонты фыртӕн радтой фатер, сӕ аннӕ лӕппу, кӕцы йӕхӕдӕг фӕмард аварийы, уый бинонтӕ дӕр райстой фатер", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгирвӕзты аххосаг схуыдта цыбыр ныдзæвд.

Ног хабӕртты лентӕ
0