Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Женеваг дискусситы минӕвӕрттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Рафыссын
Женевайы дискусситы радон фембӕлд ацӕудзӕн марты кӕрӕтты

ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы уагъд цӕуы Женеваг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уӕнгты фембӕлд ӕмсӕрдӕрттимӕ ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисӕй.

Джиоты Мурæт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2020
Кусгæ, пандемимæ æнæкæсгæйæ: Джиоты Мурæт Женеваг дискусситы раунды аивды тыххæй

Уый у фыццаг оффлайн фембӕлд ацы аз – коронавирусон арӕнӕвӕрдты рӕстӕджы фембӕлдтӕ цыдысты видеоконференциты режимы. Афтӕ ма абоны фембӕлды хайад нӕ исынц ДИФ минӕвӕрттӕ. Президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты банысан кодтой, уый кӕй у баст дунейы эпидемиологон уавӕримӕ.

"Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕнынц Женеваг дискусситӕн республикӕйы ӕдасдзинад ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы. Мах ныфс ис, ацы форматы руаджы кӕй сфидар кӕндзыстӕм ӕдасдзинад регионы", - загъта фембӕлды рӕстӕджы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Уый ма банысан кодта, коронавирусы пандеми кӕй хъыгдардта кусын, ивгъуыд азы дӕргъы фарсытӕ ӕрмӕстдӕр иу хатт фембӕлдысты Женевайы. Джиоты Мурӕт баныфсӕвӕрдта, ацы аз уавӕр кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ Женевайы фембӕлдтӕ кӕй сног уыдзысты хуымӕтӕг форматы.

Абоны делегацийы сконды ис ОБСЕ ног минӕвар Анника Седер.

Джиоты Мурӕт ӕй райста ӕмӕ банысан кодта, Анника Седеримӕ бирӕ хатт кӕй ӕрдзырдтой.

Седер бахахх кодта, ӕртӕ организацийы минӕвары кӕй ӕрцыдысты республикӕмӕ, цӕмӕй ӕрдзурой Женеваг дискусситы радон раунды фарстытыл.

"Ӕцӕгдӕр, пандеми фӕурӕдта процесстӕ, фӕлӕ ныр махӕн уыдзӕн фылдӕр фадӕттӕ бакусынӕн", - загъта минӕвар.

Фембӕлды фӕстӕ, кӕцы традицимӕ гӕсгӕ уагъд цӕуы ӕхгӕд дуӕртты фӕстӕ, йӕ хайадисджытӕ сдзуапп кӕндзысты журналистты фарстытыл. Уымӕй дарддӕр, ОБСЕ минӕвӕрттӕ фембӕлдзысты Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг цӕрджыты хиуӕттимӕ.

Дискусситы 52-ӕм раунд ацӕудзӕн Женевайы 23-34 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0