ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы дӕс фӕрынчынуӕвӕджы, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 88 иртӕстӕй коронавирусон инфекцийы уӕвынад равдыстой 10 тесты", - загъта уый.
Абоны онг медикты хъусдарды бын стационарон ӕмӕ амбулаторон уавӕрты сты 483 пациенты. Иу рынчын ис интенсивон терапийы палатӕйы, йӕ уавӕр нымад у стабилоныл, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.
Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 836 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг радтой 3060. Сӕнӕниз сты 2577 адӕймаджы.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.