"Цъæх" æви æдас горæт: Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ

© Sputnik / Александра Алборова Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ
 Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Рафыссын
Горæты администраци ацы уынаффæ хоны сæрмагонд къамисы скуыддзаг, адæм та сты, горæты бæлæстæ кæй къаддæр кæнынц, уый ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзарӕзтады комбинат Театралон фӕзуаты ракалдта цалдӕр сусхъӕды. Бӕлӕсты ракалыны ныхмӕ рацыдысты горӕты цӕрджытӕ.

Фæстаг рæстæджы арæх свæййы хъаугъайаг бæлæстæ ракалыны фарст, иутæ домынц сæ бахъахъхъæнын, аннæтæ ракалын. Æрдз бахъахъхъæнын æмæ горæт æдас скæныны аргументтæ ивынц кæрæдзи.

"Тынг уарзын горӕты бирӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ. Ацы сусхъӕдтӕ афтӕ рӕсугъд фидыдтой æмæ сын сӕ къам дӕр систон, стæй сын ӕфхӕрд хуыз дӕр нӕ уыд. Фӕстаг рӕстӕджы сӕ тых радтой калынмӕ, фӕлӕ садзгӕ та кӕнынц зынгӕ къаддӕр. Ног бæлæстæ  кӕд ныссадзой, уӕддӕр цалынмæ уыдон рæзой...", - загъта Sputnik Александра.

Горӕты администрацийы ацы архӕйдтытӕ хонынц сӕрмагонд къамисы скъуыддзаг - уый банымадта, бӕлӕстӕн тӕссаг кӕй уыд ракӕлынӕй.

© Sputnik / Александра Цховребова Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ
Цъæх æви æдас горæт: Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Цхинвалы центры ракалдтой сусхъæдтæ

"Сӕрмагонд къамис аскъуыддзаг кодта, бӕлӕстӕ кӕй сты рынчын, сӕ уидӕгтӕ бахъыгдард сты ӕмӕ тӕссаг уыд ракӕлынӕй. Сӕ бынаты ныссадздзысты ӕртӕ метры бӕрзӕндӕн талатӕ ӕввахс бонты. Ахӕм рынчын бӕлӕстӕ калынц ӕгас горӕты", - загътой Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.

Экологион организаци "Зеленая Алания"-йы разамонӕг Габайты Зæлинæ дæр у горæты бæлæстæ калыны ныхмæ. Уый нымайы, бӕлӕстӕ кæй хъӕуынц сӕрды уӕлдӕфы температурӕ фӕкъаддӕр ӕмӕ йæ гъӕд хуыздӕр кӕнынӕн.

"Бӕлӕстӕ сты горӕты экосистемӕйы хай, уыдон ссыгъдӕг кӕнынц уӕлдӕф ӕмӕ дӕттынц аууон. Раздӕр Ленины уынгтыл ӕрзилӕн уыд ӕнтӕфы ӕмӕ хуры бын ма бахаудаис. Бӕлӕсты бын температурӕ вӕййы 6 градусы къаддӕр. Уый тыххӕй сӕ хъӕуы хъахъхъӕнын", - загъта Габайты Зӕлинӕ.

Организацийы хистӕр ма бафтыдта, зæгъгæ, бӕлӕстӕ кӕй фӕкъаддӕр сты, уыимӕ фӕфылдӕр сты тыхдымгӕтӕ горӕты дӕр.

"Хъайтарты уынджы кӕрон ӕмӕ ӕмткӕй столицӕйы хуссар хаййы дымгӕ вӕййы 5-12 метры секундӕйы. Хъӕуы аразын дымгӕйӕ хъахъхъӕнынады хахх", - бафтыдта уый.

Габайты Зæлинæ ма банысан кодта, зæгъгæ, æцæг ног бӕлӕстӕ дæр ныссадзынц, фӕлӕ сӕм ӕвӕццӕгӕн хорз æркаст нӕ вӕййы æмæ зынтæй фæрӕзынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0