Цхинвайлаг Плиты Игоры лӕппуйы чысылӕй адавтой Гуырдзымӕ. Фыд йӕ фырты агуры ныр 20 азы

© Sputnik / Natalia Airiyan Плиты Игорь
Плиты Игорь  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Рафыссын
15 февралы Плиты Игоры фыртыл сӕххӕст ис 23 азы. Фыд йӕ фыртӕн ӕрвылаз дӕр банысан кӕны йӕ райгуырӕн бон – сӕвӕры фынгтӕ, фӕхоны адӕмы. Бирӕнымӕц куывдты хсӕн Игорӕн сӕ иууыл ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй йӕ иунӕджы ссара ӕмӕ йын ахъӕбыс кӕна

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цӕрӕг Плиты Игорь ныр 20 азы дӕргъы агуры йӕ иунӕг хъӕбул ӕмӕ бындары, кӕцыйы йӕ раздӕры бинойнаг Деметы Нана акодта Гуырдзыстонмӕ ӕнахъом сабийӕ. Уӕдӕй нырмӕ Игорь агуры амӕлттӕ йӕ сывӕллоны ссарынӕн, фӕлӕ ма-иу ӕй куыддӕр йӕ бӕллицмӕ иу къахдзӕф хъуыд, афтӕ та-иу сывӕллоны мад ӕмӕ йӕ бинонтӕ, хъуыддаг базонгӕйӕ, аскъуыдтой ӕппӕт бастдзинӕдтӕ.

15 февралы лӕппуйыл сӕххӕст ис 23 азы. Фыд йӕ фыртӕн ӕрвылаз дӕр банысан кӕны йӕ райгуырӕн бон – сӕвӕры фынгтӕ, фӕхоны адӕмы. Бирӕнымӕц куывдты хсӕн Игорӕн сӕ иууыл ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй йӕ иунӕджы ссара ӕмӕ йын ахъӕбыс кӕна.

© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Плиты Игорь йӕ раздӕры ӕмкъай Деметы Нанаимӕ
Цхинвайлаг Плиты Игоры лӕппуйы чысылӕй адавтой Гуырдзымӕ. Фыд йӕ фырты агуры ныр 20 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Плиты Игорь йӕ раздӕры ӕмкъай Деметы Нанаимӕ

Плиты Игорь ӕмӕ Деметы Нана сӕ амонд баиу кодтой 1998 азы. Ӕвзонг бинонты цард тагъд схӕццӕ, уавӕр нӕ фӕивта сывӕллоны райгуырд дӕр ӕмӕ дыууӕ азы фӕстӕ ахицӕн сты. Афӕдзы фӕстӕ чызг ногӕй смой скодта ӕмӕ фыд ӕмӕ фырт бынтондӕр кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Игорь йӕ сабийы кӕд уына, уый 2002 азы скъуыддзаг кодта тӕрхондон.

"Нӕ мын ӕвдыстой мӕ сывӕллоны. Йӕхӕдӕг ацыд чындзы Гуырдзыстонмӕ, фӕлӕ фыццаг рӕстӕджы лӕппуйы ныууагъта йӕ мадӕн. Тӕрхондон аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй къуыри иу хатт ӕмбӕлон мӕ лӕппуимӕ, ныр дӕр мӕм сты уыцы гӕххӕттытӕ", - дзуры уый.

Фӕстӕдӕр Деметы бинонтӕ алыгъдысты мады мады хъӕумӕ - Цхинвалы районы арӕнгӕрон хъӕу Арцеумӕ хӕстӕг гуырдзиаг цӕрӕн пункт Плауисманмӕ.

Плиты Игорь сӕрӕй йӕ фыртӕн йӕ ном ӕмӕ мыггаг дӕр нӕ зыдта. Куы райгуырд, уӕд ын радтой ном Алан, йӕ райгуырды гӕххӕтты дӕр фыст у куыд Плиты Алан. Фӕлӕ фӕстӕдӕр базыдта, мад уымӕн ӕндӕр ном кӕй радта. Мыггаг баззад, ӕви уый дӕр аивтой – уымӕн Игорь абон дӕр ницы зоны.

© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Игоры фырт Алан (Гия)
Цхинвайлаг Плиты Игоры лӕппуйы чысылӕй адавтой Гуырдзымӕ. Фыд йӕ фырты агуры ныр 20 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Игоры фырт Алан (Гия)

Бирæ ӕзты дӕргъы фыд йæ лӕппуйы агуырдта Гуырдзыстоны йӕ зонгӕты фӕрцы.

"Плауисманы ма куы цардысты, уæд дзы ссардтон иу зонгӕ адæймаджы ӕмӕ йӕм ӕй барвыстон. Уый йæ бафарста, зӕгъгӕ дӕ дӕ фыд агуры, ӕмӕ дӕ нӕ фæнды йæ фенын. Лæппу ницы сдзуапп кодта, фæлæ дам йӕ цæссыгтæ ркалдта. Уый йын радта мæ телефоны номыр æмæ йæхи номыр. Сывӕллон ӕвӕццӕгӕн хæдзары хабар радзырдта æмæ мады мад уайтагъд ме ʻххуысгæнæгмæ фæдзырдта, уый æлгъыстытӕ æмæ æртхъирӕнтимæ æрдомдта, цæмæй сын сæ цард ма хала.Уый фæстæ дæр ма мын бирæ бафæлвæрдтæ уыд мӕ сывӕллоны ссарынӕн, фæлæ мæ амонд нæ уыд", - бафтыдта уый.

Уый фӕстӕ Игоры хъустыл ӕрцыд, Плауисманӕй та бинонтӕ кӕй алыгъдысты цӕрынмӕ Гурмӕ. Уым дӕр бӕргӕ архайдта йӕ фыртӕй исты бӕрӕг базоныныл, фӕлӕ та йын дзы ницы рауад.

"Гуры цардысты Джугашвилийы уынгыл, 93 хӕдзары. Чизоны сӕ сыхӕгтӕй исчи хъуыды кӕны, кӕнӕ сӕ исты бӕрӕг зоны – курӕг уӕ дӕн, фехъусын мын кӕнут искуыд. Афтӕ ма курӕг дӕн Сырх Дзуары комитетӕй, цӕмӕй мын баххуыс кӕной мӕ сывӕллоны ссарынӕн", - хаты нӕлгоймаг.

Игоры ма ныфс уыд социалон хызӕгтӕй ӕмӕ стӕй та уырдӕм радта йӕ тыхтӕ.

 "Социалон хызӕгты дӕр йӕ агуырдтон. Йӕ мады фӕндыд, цӕмӕй йыл ном Гия сӕвӕра.  Стӕй йын йӕ мады мыггаг Деметы радтой, ӕви йӕ нанайы мыггаг Гиунашвили, уый фидарӕй нӕ зыдтон. Алыхуызӕттӕ йӕ агуырдтон, агуырдтон… ӕмӕ йӕ ссардтон. Фыст уыд Деметы Гия. Мæ хъæбулимæ бастдзинæдтæ скæныны, йе ууӕнчы бацӕуыны нысанæн ӕвзонг чызджы номыл профильтæ бакодтон", - мысы Игорь.

© Photo : Из личного архива Игоря ПлиеваИгоры лӕппу Алан (рахизӕрдыгӕй)
Цхинвайлаг Плиты Игоры лӕппуйы чысылӕй адавтой Гуырдзымӕ. Фыд йӕ фырты агуры ныр 20 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Игоры лӕппу Алан (рахизӕрдыгӕй)

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ иу фыды бацыд ныфс, йӕ лӕппуимӕ йын кӕй бантыстдзӕн зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ аныхас кӕнын, фӕлӕ-иу ӕй лӕппуйы мад куы фӕхатыд, чи у, уӕд-иу йӕ фырты ахафта хызӕгӕй.

Игорь хъавгæйæ архайы йæ лæппуйы нывтимæ. 20 азы размæйы хуызджын къамты ис æвзонг бинонтæ, уæд нырма амондджын хуызы - Деметы Гия (Плиты Алан) æнахъом сабийæ, æртæ æмæ цыппар аздзыдæй. Лæгмæ ма кӕуылдӕрты бахаудта йæ фырты ныв, куы байрæзт, афтæмæй дӕр, цы ран уый йæ фыды цæрмыстъыгъд бакодта. Ацы къамтæ æмæ йæ æнæивгæ фæнд - йæ фыртимæ фембæлын – уыдон сты, цардмӕбӕллынад ын цы ӕвзӕрын кӕны, уыдон.

© Sputnik / Natalia Airiyan Игоры фырт стырдӕрӕй
Цхинвайлаг Плиты Игоры лӕппуйы чысылӕй адавтой Гуырдзымӕ. Фыд йӕ фырты агуры ныр 20 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Игоры фырт стырдӕрӕй

Плиты Игоры æнæдызæрдыгæй уырны, сывӕллонӕн йæ фыды тыххæй хорзæй кӕй ницы радзырдтаиккой. Уымæ гæсгæ йæ ныфс нæй, лӕппу йӕ йæхæдæг дӕр кæй ӕрцагурдзæн.

"Фæстаг хатт ма йæ уынджы федтон 2002 азы тæрхондоны куы уыд нæ хъуыддаг, уæд,  фæлæ йæ йӕ нана мӕ къухтӕй атъæпп кодта. Сывæллон мæ хъуыды дæр нæ кæндзæн. Ахæм бон нæ вæййы мæ йыл ма хъуыды кæнон. Афтæ йӕ зонын, ӕмӕ кæй цымыдис кæны музыкӕмæ, фæсарæйнаг æвзæгтæм, баскетболмæ. Ныридæгæн мæ бæллиц у, цæмæй мӕ хъӕбулы фенон ӕмӕ иумæ аныхас кæнæм", - бафтыдта уый.

Фæстаг ӕнӕбӕлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, лӕппу ныридæгæн ис Турчы, науæд та Тбилисы.

© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Плиты Игоры фырт
Плиты Игоры фырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Плиты Игоры фырт
© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Плиты Игоры фырт
Плиты Игоры фырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Плиты Игоры фырт
© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Плиты Игоры фырт
Плиты Игоры фырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Плиты Игоры фырт
© Photo : Из личного архива Игоря Плиева Плиты Игоры фырт
Плиты Игоры фырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Плиты Игоры фырт
1/4
Плиты Игоры фырт
2/4
Плиты Игоры фырт
3/4
Плиты Игоры фырт
4/4
Плиты Игоры фырт
Ног хабӕртты лентӕ
0