ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой дӕс ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Фӕстаг суткӕйы сарӕзтам 106 иртӕсты, уыдонӕй коронавирус рабӕрӕг ис дӕс адӕймагӕн", - загъта уый.
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл ис 486 адӕймаджы.
"Медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" рафыстой 17 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2645 онг", - бафтыдта санитарон уагдоны минӕвар.
Коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй ӕдӕппӕт республикӕйы сарӕзтӕуыд 19 минӕй фылдӕр тесты, уыдонӕй низы уӕвынӕд рабӕрӕг кодтой 3131 иртӕсты.
Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.