ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) исӕн хайады кусджытӕ ракуырдтой уӕлӕмхасӕн отпуск ӕмӕ фылдӕр мыздтӕ. Фарсты фӕдыл ӕрдзырдтой социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Комитеты сӕрдар Плиты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, медиктӕ ракуырдтой уӕлӕмхасӕн ӕрвылазон отпуск ӕмӕ сын цӕмӕй сӕ мыздтӕ 30% фӕфылдӕр кӕной.
"Уыдон ракуырдтой уый, уымӕн ӕмӕ фыццаг сӕмбӕлынц рынчынтимӕ, кӕцытӕн рабӕрӕг вӕййы туберкулез, вирусон пневмони, гепатит, ВИЧ-инфекци ӕмӕ ӕндӕр низтӕ", - загъта Плиты Александр.
Медикты куырдиат хорзыл банымадта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Тотчиты Георгий.
"Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы кусджытӕ хъуамӕ исой аккаг мызд. Фарстыл куыст цӕуы, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.