Сывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район

© Татьяна ЦховребоваСывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район
Сывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Рафыссын
Амӕйразмӕ Цхуырбаты Татьяна ауагъта Ленингоры районы ахуырадон уагдӕтты мониторинг, цы ран рабӕрӕг кодтой цалдӕр фиппаинаджы

ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕтты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьяна ауагъта республикӕйы Знауыры районы ахуырадон уагдӕтты мониторинг.

Кусӕгон балцы рӕстӕджы сывӕллӕтты омбудсмен бабӕрӕг кодта аст скъолайы, дыууӕ сабидоны ӕмӕ Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуан. Басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой ӕрмӕстдӕр чысыл фиппаинӕгтӕ.

"Мах бацыдыстӕм ахуырадон уагдӕттӕм, кӕцытӕ сты ацы районы, ӕмӕ сбӕрӕг кодтам чысыл фиппаинӕгтӕ. Скъолатӕй сӕ иуы хъӕуы раивын уӕлхӕдзар, балхӕнын партӕтӕ ӕмӕ компьютер", - загъта уый.

Цхуырбаты Татьянайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарстытӕ иууылдӕр бахастой хыгъдлӕвӕрдмӕ ӕмӕ сӕ барвитдзысты Знауыры районы сӕргълӕууӕгмӕ, кӕцы кусдзӕн сӕ аскъуыддзаг кӕныныл. Афтӕ ма уый бафтыдта, ахуырдзауты ахуырадон процессы кӕй не сбӕрӕг кодтой фиппаинӕгтӕ, уыдон ифтонг сты скъолайы ӕмӕ аивадон литературӕйӕ.

© Татьяна ЦховребоваСывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район
Сывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Сывӕллӕтты омбудсмен кусӕгон балцы бабӕрӕг кодта Знауыры район

Амӕйразмӕ Цхуырбаты Татьяна ауагъта Ленингоры районы ахуырадон уагдӕтты мониторинг, цы ран рабӕрӕг кодтой цалдӕр фиппаинаджы.

"Фарстытӕ, кӕцытӕ нын фехъусын кодтой Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары, ныридӕгӕн аскъуыддзаг кодтой. Аннӕ уагдӕтты проблемӕтыл дӕр куыст цӕуы ӕмӕ сӕ тагъд рӕстӕджы аскъуыддзаг кӕндзыстӕм", - бахахх кодта омбудсмен.

Сывӕллӕтты омбудсмен бафтыдта, Знауыры ӕмӕ Ленингоры районты скъолаты нӕй психологты, ӕмӕ уый у проблемӕ.

Цхуырбаты Татьянайы снысан кодтой сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕварӕй 2021 азы 14 январы, уый раивта ацы бынаты Козаты Гульнарайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0