Цӕй тыххӕй уарзынц Хуссар Ирыстоны Сталины

© Sputnik / Natalia Airiyan Сталины цырт
Сталины цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Рафыссын
Историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберты ныхæстæм гæсгæ, адæмы Сталинæн йæхицæн нæ цыт кæнынц, фæлæ мысынц йæ дуджы æвæрццаг æууæлтæ

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Советон цӕдисы ныппырхӕй рацыд дӕсгай азтӕ, фӕлӕ ма Хуссар Ирыстоны ныр дӕр аудгӕ ахаст дарынц уыцы дуджы Сталины цыртытӕм, стæй ма йын уӕлӕмхасӕй ӕвӕрынц ногтӕ дӕр. Цхинвалы стырдӕр уынгӕй иу хӕссы йӕ ном, республикӕйы столицæйы Сталинир хоныны бар фидар æрцыд Паддзахады разамонæджы фæндæй, ис ын табугæнджытæ фæсивæд æмæ хистæр кары адæмы хсæн.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары уынгтæй бирæтæ 'рцыд ивд советон дугæй, фæлæ Сталин йæ бынтæ нæ сафы ацы хъуыддаджы дæр.

Бежанты Æхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.12.2020
Бежанты Æхсар: Ирыстоны хуссармæ Сталины гоймаджы культ раргом кæнын не 'рхæццæ

Хуссар Ирыстоны Сталинмӕ кӕдфӕндыдӕр уыд уӕлдай хъарм ахаст. Иутӕ йын цыт кодтой политикӕйы йӕ фидардзинады тыххӕй, иннӕтӕ та йӕ ирон равзӕрды тыххӕй. Нырма 1931 азы Цхинвалы раразмӕ кодтой хъуыды столицӕйӕн Сталины ном радтын, ацы хъуыды сӕххӕст кодтой ӕртӕ азы фӕстӕ 1934 азы. Цхинвал ссис Сталинир. Ацы ном хаста 27 азы, уый фӕстӕ йын фӕстӕмӕ раздӕхтой йӕ раздӕры ном Сталины культы ныхмӕ тохы кампанийы фӕлгӕтты.

Фӕлӕ та ивгъуыд аз апрелы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд, кӕцы фадат дӕтты, цӕмӕй зӕронд номӕй пайда кӕной Стыр Фыдыбӕстон хӕсты мадзӕлтты рӕстӕджы.

Сталинӕн цыртытӕ ис дыууӕ уагдоны раз Цхинвалы - Генералон прокуратурӕйы кӕрты ӕмӕ Паддзахадон автоинспекцийы раз.

Генералон прокуратурӕйы кӕрты Сталины чысыл цырт фæзынд æртæ азы размæ.

"Цырт сæвæрдтой 2017 азы уадоны хистæры фæндмæ гæсгæ", - загътой Sputnik ГП.

Паддзахадон автоинспекцийы размӕ Сталин "фӕуазӕг" ис 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Пролетариаты фӕтӕджы бюстиимӕ иумӕ уыдон арӕзтадон быронӕй рахицӕн кодта уагдоны хистӕр Джиоты Алан.

"Хӕсты фӕстӕ рынчындонмӕ бацыдтӕн, уӕд уым цыд арӕзтадон кусытытӕ, Сталин ӕмӕ Ленины цыртытӕ баййӕфтон арӕзтадон быронимӕ иумӕ. Цӕцӕйнӕгтӕ дзы куыстой уӕд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕрам дарынц Сталинмӕ. Мӕ зӕрдӕ фӕрыст ацы ныв фенгӕйӕ. ГАЗ-66 бакӕнын кодтон ӕмӕ сӕ раластам. Горӕты сӕ фæралас-балас кодтам, бынат агургæйæ, фӕлӕ ницӕуыл нӕ цӕст схӕцыд, уый фӕстӕ сӕ ПАИ-йы  кӕртмӕ бахастам", - загъта уагдоны хистӕр Джиоты Алан.

© Sputnik / Natalia AiriyanСталины цырт
Цӕй тыххӕй уарзынц Хуссар Ирыстоны Сталины  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Сталины цырт

Уый фӕстӕ цыртыты "аирвӕзынгӕнӕджы" бахъуыд уыдонӕн бындуртӕ бацӕттӕ кӕнын.

"Зӕронд сейфтӕ нӕм уыд, уыдон сӕрыл сӕ сӕвӕрдтам ӕмӕ сӕ сахуырстам. Цыртытӕ бахъахъхъӕдтон, чи сын цыт кӕны, уыдонӕн, адӕм сӕм ныр цӕуынц ардӕм", - бафтыдта Джиоты Алан.

Ивгъуыд азы кæрон Сталинæн цырт сæвæрыны хъуыды йæ райгуырæн хъæуы раразмæ кодта Уæрæсейы зындгонд тренер Тедеты Дзамболат. Кæрдгæныв уыдзæн Цъорибисы центры. Уый иунæг нæ уыдзӕн Знауыры районы – Сталины цыртытæ ма ис поселокы æмæ Тигъуайы хъæумæ фæндаггæрон дӕр.

Сталины цыртытӕ нырма уӕвынад кӕнынц аннæ районты дӕр. Цхинвалы районы хистӕр Мамытаты Вахтангы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ районы цыдӕриддӕр ис цыртытӕ, уыдон иууыцлдӕр бахъахъхъӕдтой, ӕгӕрыстӕмӕй ма сӕм ис хорз ӕркаст дӕр.

"Фылдӕр бӕрцӕй сты бюсттӕ. Егъау цырт Сталинӕн ис Сатихъары хъӕуы, къаддӕртӕ та Бихъар, Гром ӕмӕ Тъбеты. Ӕнӕркаст сӕ никӕцы у", - загъта уый.

Дзауы районӕн дӕр ма баззад сӕхи Сталин. Цырт уӕвынад кодта районы рынчындоны раз, ныридӕгӕн ӕй фӕсфӕд айстой.

Хъуылымбегты Роберт: Сталин сарæзта Советон паддзахад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2020
Хъуылымбегты Роберт: Сталин сарæзта Советон паддзахад

"Рынчындоны арӕзтадӕн хъыгдардтой Ленины цыртимӕ ӕмӕ сӕ ЦКХ-йы кӕртмӕ айстой. Куыддӕр поселокы уынгтӕ ӕрцӕуой хӕрзарӕзт, афтӕ йын бынат ссардзыстӕм. Ноджы ма Сталины цырт ис нӕ районы Карзманы хъӕуы дæр", - загъта районы культурайы хайады хистӕр Кӕркуысты Галина.

Сталины бюсттæ ма бахъахъхъæдтой Ленингоры районы хъæуты.

"Центры уыдысты Ленин æмæ Сталины цыртытæ, фæлæ уыдон Гуырдзы ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты сæ æрбабырстты рæстæджы ныппырх кодтой. Чысыл бюсттæ мæ бахъахъхъæдтой кæцыдæр хъæуты", - загъта районы хистæры хӕдивӕг Гæбæраты Сослан.

Сталинӕн ныр дӕр Хуссары Ирыстоны стыр цыт кӕй кӕнынц, уымӕн йӕ аххосагыл историон зонӕдты кандидат Хъуылымбегты Роберт нымайы, зӕгъгӕ, йӕ дуг адӕмы хъуыдыйы кӕй ӕрфидар ис стабилондзинад ӕмӕ фӕткон рӕстӕгӕй.

"Адӕмы хъӕуы стабилондзинад ӕмӕ фӕтк, уый та, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыд Сталины дуджы. Адӕймаджы сконд афтӕ у ӕмӕ бахъуыды кӕнынц хорздзинад, ӕвзӕрӕй цы уыд, уый та сӕ ферох ис. Стӕй ма Сталины табугӕнджытӕ сты карджын адӕм ӕмӕ уыцы рӕстӕг баст у се 'взонджы бонтимӕ. Сталины рӕстӕджы Советон цӕдис ссис уӕлахиздзау, ӕргътӕ къаддӕр кодтой - ацы ӕвӕрццаг фӕзындтимӕ бӕттынц Сталины ном. Хъӕуы сӕ Сталин йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ йӕ дуг, уымӕн ӕм ис ахӕм ахаст", - банысан кодта ахуыргонд.

Уый ма бафтыдта, уыцы дугмӕ тырнгӕйӕ адӕм кӕй нӕ мысынц репресситӕ, фӕлӕ йӕ хорз ӕууӕлтӕ.

"Сталины кӕд йӕ мӕлӕты фӕстӕ тынг ӕфхӕрдтой, уӕд та йӕм ныр фӕстӕмӕ здӕхы хорз ахаст, уый канд Хуссар Ирыстоны нӕу, фӕлӕ ӕгас Уӕрӕсейы дӕр. Раст нæу, ирон мыггаджы тыххæй йын кæй цыт кæнынц, уыцы хъуыды", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0