ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценӕйыл 23 марты ацӕудзӕн Евгений Вахтанговы номыл цӕгатирыстойнаг Уырыссаг Академион театры спектакль Антон Чеховы пьесӕ "Три сестры"-мӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой театры пресс-службӕйы.
"Хуссар Ирыстонмӕ гастрольтимӕ ӕрцӕуы уырыссаг театры труппӕ. Рольтӕй иу сӕххӕст кӕндзӕн уырыссаг академион театры авивадон разамонӕг Владимир Уваров, кӕцы у "Хӕларады Орден"-ы кавалер. Цӕгатирыстойнаг театры труппӕ фыццаг хатт не 'рцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ. 2019 азы уыдон уыдысты республикӕйы цалдӕр спектаклимӕ", - загътой пресс-службӕйы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, Уырыссаг театры балц у лӕвар культурӕйы бонмӕ, кӕцы ацӕудзӕн республикӕйы 25 марты.
Спектаклы режиссер у Хъӕрджынты Изабелла, декоратор та Светлана Володина, композитор – Авлексей Деминов.