Дыууӕ боксеры Хуссар Ирӕй стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты

© Pixabay / Pharaoh_EZYPTБоксерские перчатки
Боксерские перчатки - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2021
Рафыссын
Республикӕйы спортивон кад хъахъӕндзысты Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан, спортсментӕн уый уыдзӕн ног фадат Уӕрӕсейы фыццагадмӕ балцӕг райсын

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыууӕ спортсмены Цхинвалы Боксы скъолайӕ стох кӕндзысты профцӕдисты спортивон ӕхсӕнад "Россия" централон советы фыццагады 13-14 азы кары фӕсивӕды хсӕн, фехъусын кодта сӕ тренер Куымӕридтаты Родион.

Гӕджиты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Перспективон боксер Хуссар Ирӕй ногӕй архайдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы сконды

"Ацы ерыстӕ сты фӕстаг фадат Уӕрӕсейы 2021 азы фыццагадмӕ. Амӕйразмӕ турниры лӕппутӕ уыдысты финалисттӕ. Ныфс нӕ ис, ацы старт сын разындзӕн ӕнтыстджындӕр", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохтӕ райдайдзысты дыццӕджы.

Спортсменты цӕттӕ кӕнынц Боксы скъолайы тренертӕ Тедеты Алик ӕмӕ Куымӕридтаты Родион.

Ног хабӕртты лентӕ
0