Дзæуджыхъæуы рацæудзæн згъæрæхца Алайнаг æхсин Марияйы хуызистимæ

© Sputnik / Лана ПарастаеваПаддзах Тамара, Дауыт-Сослан æмæ Мария Ясаг
Паддзах Тамара, Дауыт-Сослан æмæ Мария Ясаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2021
Рафыссын
Мария Ясаг (Алайнаг) йæ рæстæджы хъуыстгонд уыд йæ уæздандзинад æмæ куырыхондзинадæй. Азфысджытæ куыд нысан кодтой, афтæмæй уый стыр лæггад кодта чырыстон аргъуантæн

ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Иры рауадзысты Мария Ясагы (алайнаг) хуызистимæ згъæрæхца Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон нысан кӕныны фӕлгӕтты. Уый тыххæй хъусын кæны Дзæуджыхъæуккаг алайнаг епархи.

 Фиагдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Ирыстоны байгом рухсадон проект "Алайнаг библиотекӕ"

Фарстыл уынаффæ цыд Цæгат Ирыстоны национ ахастыты министр Цуциты Аслан æмæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леониды фембæлды рæстæджы.

"Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сӕххӕстæн нывонд згъæрæхцайы чъылдымон фарс сфæлынддзæн æхсин Марии Ясагы хуызист, кæцы сисдзысты Дзæуджыхъæуы сыгъдæг Владимиры аргъуанæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Мария Алайнаг йæ рæстæджы хъуыстгонд уыд йæ уæздандзинад æмæ куырыхондзинадæй. Азфысджытæ куыд нысан кодтой афтмæй уый стыр лæггад кодта чырыстон аргъуантæн. Уый стыр фæд ныууагъта Уæрæсейы историон хъысмæты

Ног хабӕртты лентӕ
0