Цхинвалы ӕрдзырдтой низӕфхӕрд сывӕллӕтты ахуырыл

© Sputnik / Наталья АйриянКоррекцион кълас
Коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Рафыссын
Республикӕйы ахуырадон уагдӕтты директортимӕ фембӕлдыл ӕркастысты низӕфхӕрд сывӕллӕтты ахуырадон процессы организацийы нырыккон методтӕм

ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ахуырадон уагдӕтты разамонджытӕ фембӕлдысты дефектолог Александр Крысовимӕ, кӕцы кусы сывӕллӕтты дзурыны фӕлтӕрдты коррекцийыл, фехъусын кодта Sputnik ахуырад ӕмӕ зонады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.

Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст

Уый банысан кодта, фембӕлды сӕйраг темӕ кӕй у низӕфхӕрд сывӕллӕтты ахуырадон процессы организаци.

"Ахуырад ӕмӕ зонады министрад фарон фӕхуыдта республикӕмӕ уӕрӕсейаг дефектологы. Ӕрхонгӕ специалист хъуамӕ арвыстаит ам иу аз, фӕлӕ йӕ активон профессионалон архайды тыххӕй аскъуыддзаг кодтам адарддӕр кӕнын йӕ куыст Цхуынвалы скъола-интернаты", - банысан кодта Плиты Яна.

Уый бахахх кодта, скъола-интернаты кӕй сты коррекцион кълӕстӕ, кӕцыты ахуырдзауты хъӕуы специалисты ӕххуыс.

"Знон дефектолог фембӕлд ахуырадон уагдӕтты разамонджытимӕ низӕфхӕрд сывӕллӕтты ахуырадон процессы организацийы фӕдыл. Фембӕлды рӕстӕджы ногӕй банысан кодтой, Уӕрӕсейы Федерацийы кӕй ис законы уӕлӕмхасӕн пункттӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц низӕфхӕрд сывӕллӕтты. Афтӕ ма, ныййарджытӕ, кӕцытӕм ис медико-психолого-педагогон экспертизӕйы уынаффӕ, уыдонӕн бар ис бакӕнын сӕ сывӕллӕтты цыфӕнды ахуырадон уагдонмӕ дӕр ӕмӕ сӕ уым хъуамӕ райсой", - бафтыдта пресс-секретарь.

Уымӕй дарддӕр, фембӕлдыл ӕрдзырдтой ныййарджыты бартӕ ӕмӕ бӕрндзинады фӕдыл, кӕцытӕ фыст сты ахуырады фӕдыл законы.

"Уӕрӕсейаг дефектолог ӕрлӕууыд нырыккон ноджы иу проблемӕйыл – цифрон аутизмыл. Сывӕллоны къухтӕм гаджетттӕ куы раттынц, уӕд ауадзынц бирӕ моменттӕ. Сывӕллонимӕ хъӕуы дзурын ӕмӕ контакт кӕнын", - загъта Плиты Яна.

Плиты Яна ма зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны горӕттӕ ӕмӕ районты ӕппӕт скъолаты 2008 азӕй фӕстӕмӕ кусынц штатон логопедтӕ, кӕцытӕ рацыдысты цыбырӕмгъуыдон курсытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0