Рахиздзыстæм ЦКФЗ-йы æмвæзадмæ: Хуссар Иры премьер мыздты фæфылдæры тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Бекъойты Геннадий
Бекъойты  Геннадий  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik радзырдта бюджетон фадыджы куыстмыздты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны бюджетон фадыджы кусджыты куыстмызд схиздзæн Цæгат Кавказы федералон зылы ацы азы бæрæггæнæнты онг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадий йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik-ы.

Бекъойты Геннадий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Бекъойты Геннадий слӕудзӕн хицауады сӕргъ. Йӕ кандидатурӕ хорзыл банымадта парламент

Бюджетон сферæйы æмæ паддзахадон-æмбæстагон службæйы куысджыты куыстмызды фæфылдæры тыххæй фехъусын кодтой раздæр.

" Хуссар Ирыстоны бюджетон фадыджы куыстмызд схиздзæн Цæгат Кавказы федералон зылы ацы азы бæрæггæнæнты онг. Мыздыл схæсдзысты Уæрæсеимæ бадзырд сфидары фæстæ æмæ нормативон актты æмбæлон уагмæ æркæныны фæстæ",- загъта уый.

Иумæйагæй сисгæ , 2021 азы бюджет уыдзæн социалон здæхт, республикæйæн йæхи æфтиæгтæ ацæудзысты социалон фиддонтæн.

"2021 бюджет нывæзтгонд у иу миллиард 415 милуан сомы. Мыздыл схæцыны хæрдзтæ слæудзысты 178 милуан сомы", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0