Цхинвалы фылдӕр сабидӕттӕ ӕрурӕдтой сӕ куыст

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон №1
Сабидон  №1 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Рафыссын
Столицӕйы скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕ дыууӕйӕ дарддӕр иууылдӕр ӕртыццӕджы ӕрурӕдтой сӕ куыст, ивындзинӕдтӕ бахъуыд бахӕссын скъолаты куыстмӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фыццаг ӕмӕ ӕвддӕсӕм сабидӕттӕй дарддӕр иннӕтӕ ӕрурӕдтой сӕ куыст горӕты ахуыры хайады скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, йӕ аххосаг ссис, электрон рухс кӕй ахуссыд ӕгас республикӕйы, уый, фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы.

Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрохаххыл аварийы тыххӕй

Уыимӕ иумӕ ивындзинӕдтӕ ӕрцыдысты скъолаты куысты дӕр, уыдон кусынц ӕнӕ уӕлӕмхас цӕттӕгӕнӕн уроктӕй.

"Сабидӕтты куыст къуыхцы кӕны электрон рухсы цухдзинад, уыимӕ баст у хъармгӕнӕн системӕ. Ӕрмӕст фыццаг ӕмӕ ӕвддӕсӕм сабидоны хъармдзинад цӕуы дизелон генератортӕй", - загътой пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ӕхсӕв ахуыссыд рухс, электроэнергийы аскъуыд "Энергоресурс" бӕтты хӕхты митуарды фӕстиуӕгӕн ӕрцӕугӕ авариимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0