"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Sputnik /  Ахизын медиабанкмæПЦР-тест
ПЦР-тест - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Рафыссын
Пандемийы периоды ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны сарӕзтӕуыд 19 826 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, инфекцион низ рабӕрӕг ис 3188 адӕймагӕн

ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой дӕс ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 101 тесты, уыдонӕй дӕс радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна банысан кодта, ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой 25 адӕймаджы, дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 409 фӕрынчынуӕвӕджы.

Пандемийы периоды ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны сарӕзтӕуыд 19 826 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, инфекцион низ рабӕрӕг ис 3188 адӕймагӕн, 2779 пациенты сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0