Дзомагъы ссардтой электрохаххыл аварийы бынат. Специалисттӕ кусынц йӕ аиуварс кӕныныл

© Photo : Фото очевидцаДзомагъы ссардтой электрохаххыл аварийы бынат.
Дзомагъы ссардтой электрохаххыл аварийы бынат. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2021
Рафыссын
Авари аиуварс кӕныныл архайынц УУМ, МХМ, "Энергоресурс", сӕ техникӕ ракодтой Спорты комитет ӕмӕ "Дорэкспострой". Ӕртыццӕджы ӕххуысмӕ ссыдысты паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цалдӕр уагдоны кусджыты баиугонд къорд архайы Дзауы районы Дзомагъгомы электронон хаххыл дыккаг авари аиуварс кӕныныл. Аварийы бынат ис трассӕйӕ авд километры дӕрддзӕф ӕвзӕрвадат бынаты, фехъусын кодта Sputnik къорды уӕнгтӕй иу.

Республикӕйы дыккаг бон рухс нӕй электрон хаххыл аварийы тыххӕй. Хуссар Ирыстоны сабидӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ нӕ кусынц, зиан хӕссынц амалиуӕггӕнджытӕ.

"Дыккаг авари дӕр ис Дзомагъы, 7 километры бӕрц мидӕгдӕр трассӕйӕ. Сӕумӕрайсом къорд ацыд йӕ агурӕг тракторыл, уыцы бынаты ис астӕуы онг мит, ныр дӕр йӕ уарынӕй нӕ лӕууы. Знон фыццаг авари бантыст иуварс кӕнын, уымӕн йӕ бынат уыд фондз километры дӕрддзӕф фӕндагӕй ӕмӕ йӕм бацыдыстӕм къахӕй", - радзырдта уый.

Къорды минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, авари аиуварс кӕныныл архайынц УУМ, МХМ, "Энергоресурс", сӕ техникӕ ракодтой Спорты комитет ӕмӕ "Дорэкспострой". Ӕртыццӕджы ӕххуысмӕ ссыдысты паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0