Хуссар Иры дыккаг суткӕ нӕй рухс ӕмӕ ӕхгӕд у фӕндаг

© Sputnik / Natalia Airiyan Электрохахх
Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2021
Рафыссын
"Энергоресурс"-ы специалисттӕ ӕмӕ УУМ кусджытӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв агуырдтой электрохаххыл аварийы бынат

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистраль нырма дӕр у ӕхгӕд митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы тыххӕй, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрохаххыл аварийы тыххӕй

Транскам сӕхгӕдтой дыццӕджы изӕры, уыцы ӕхсӕв ма электрохаххыл аварийы аххосагӕй республикӕйы ахицӕн ис рухс.

"Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц трассӕ. Нырма нӕ бон нӕу зӕгъын, кӕд бакӕндзысты фӕндаг", - банысан кодтой УУМ.

Уагдоны ма фехъусын кодтой, электроифтонгад сӕндидзын кӕныны фӕдыл куыстытӕ дарддӕр кӕй цӕуынц, фӕлӕ уыдоны дӕр хъыгдары ӕвзӕр боныгъӕд.

Республикӕйы рухс кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕ куыст ӕрурӕдтой сабидӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ. Горӕты кусынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ сабидоны – фыццӕгӕм ӕмӕ ӕвддӕсӕм, ӕмӕ скъола "Альбион".

Столицӕйы администрацийы банысан кодтой, ахуырадон уагдӕттӕ сӕ куыст кӕй сног кӕндзысты республикӕйы электроифтонгад куы сӕндидзын кӕной, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0