400 нӕмыгӕй фылдӕр: Хуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ

© МВД РЮОХуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ
Хуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2021
Рафыссын
Хӕстӕрмӕджытӕ ссардӕуыд республикӕйы Ленингоры районы, уыдон арвыстой Мидхъуыддӕгты министрады экспертон-криминалистон управленимӕ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Абреуы хъӕумӕ хӕстӕг ссардӕуыд цинк 7,62 калибры 440 нӕмыгимӕ, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

© МВД РЮОХуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ
400 нӕмыгӕй фылдӕр: Хуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2021
Хуссар Иры фӕндаггӕрон ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕстӕрмӕджытӕ ссардтой Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ республикӕйы ПӔК минӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытимӕ иумӕ.

"Нӕмгуытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Мидхъуыддӕгты министрады экспертон-криминалистон управленимӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, ссарӕггӕгты фӕдыл басгӕрст кӕй уадзы Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0