Хуссар Иры президент бавдыста парламентмӕ ног генпрокуроры кандидатурӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2021
Рафыссын
Абоны бон Хуссар Иры Гепрокурор у Дзӕгъиаты Уырызмӕг, йӕ куысты рӕстӕг фӕуд кӕны апрелы

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бавдыста парламентмӕ Виталий Савченкойы кандидатурӕ республикӕйы генералон прокуроры бынатмӕ, уымӕн ӕмӕ Генпрокуратурӕйы ныры сӕргълӕууӕджы службӕйы ӕмгъуыд фӕуд кӕны апрелы.

Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Дзабиты Иналы бинонтӕ аскъуыддзаг кодтой ӕруромын сӕ акци Цхинвалы фӕзуатыл

Парламенты спикеры номыл фыстӕджы нысангонд ӕрцыд, куырдаит кӕй барвыстой закондӕттӕг органмӕ республикӕйы Конституцийы 50 статьяйы 23 пунктмӕ гӕсгӕ.

Виталий Савченко райгуырд 20 марты 1986 азы Краснодары крайы горӕт Тимашевскы. 1993 азы бацыд йӕ горӕты 11-ӕм астӕуккаг скъоламӕ. Каст фӕцис горӕт Липецкы 44-ӕм Лицей. 2003 азы бацыд Кубаны Паддзахадон университетмӕ, 2006 азы та рацыд Мӕскуыйы паддзахадон юридикон академимӕ, цы ран ахуыр кодта 2008 азы онг.

Ахуыры рӕстӕджы равзӕрста уголовон-барадон специализаци.

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0