Берозты Тамуйы Ирыстоны базыдтой, ансамбль "Къона"-йы куы райдыдта архайын, уæд. Фæлæ лæппу йæ цард музыкæимæ раздæр сбаста. Тамуйы ныхæстæм гæсгæ, йæ музыкалон курдиат куы рабæрæг, уæд фæлвæрдта музыкалон пьесæтæ фыссын дæр.
"Æз сæ пьесæтæ хуыдтон, уыдысты хуымæтæг, фæлæ мæхиуæттæм афтæ каст æмæ шедевртæ сты æмæ мæ композитортыл æрзилын кодтой", - загъта Таму.
Музыкант куыд банысан кодта, афтæмæй уый фыццаг бацыд фортепианойы кружокмæ, фæлæ йын цыдæр æмгъуыды фæстæ ахуыргæнæг бауынаффæ кодта, цæмæй музыкалон скъоламæ бацæуа.
"Музыкалон скъолайы фыццаг хатт федтон дала-фæндыр. Уый размæ-иу, Къостайы æмдзæвгæты чиныджы цы фæндыры ныв ис, уымæ куы кастæн, уæд хъуыды кодтой, зæгъгæ, ай цавæр фæндыр у æмæ æнхъæлдтон, Къоста кæй фæрæдыд", - бафиппайдта Таму.
Берозты Таму радзырдта, музыкалон скъолайы ахуыргæнгæйæ дала-фæндырыл цыбыр рæстæг кæй ацагъта, фæлæ йын нæ бамбæрста йæ нысаниуæг. Музыканты ныхæстæм гæсгæ, адæмон музыкæмæ йæ фæндаг цыд классикон æмæ рок-музыкæйы уылты.