Бибылты Анатолий райста Луганскы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх

© Администрация Главы ЛНРБибылты Анатолий райста Луганскы Адӕмон республикӕйы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх
Бибылты Анатолий райста Луганскы Адӕмон республикӕйы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Рафыссын
ЛАР делегацийы балцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстонмӕ хорзӕхтӕ ноджы райстой республикӕйы аст цӕрӕджы, кӕцытӕ хайад истой Чернухино-Дебальцевы операцийы 2015 азы

ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Луганскы Адӕмон республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ЛАР иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх - "За усердие"-йы I къӕпхӕнӕй. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕгӕн хорзӕх радта Ӕхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Алексей Карякин ЛАР делегацийы балцы рӕстӕджы республикӕмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой президенты администрацийы.

Карякин стыр бузныг загъта ӕфсымӕрон ӕххуысы тыххӕй, кӕцыйӕн стыр аргъ кӕнынц ЛАР-ы.

Хорзӕхтӕ ма райстой Хуссар Ирыстоны аст цӕрӕджы, кӕцытӕ хайад истой Чернухино-Дебальцевы операцийы 2015 азы.

"Бузныг уӕ хъӕбатырдзинад, хъайтардзинад ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй Донбассы хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы. Сымах махӕн стут ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой республикӕ украинаг фашисттӕй", - банысан кодта Ӕхсӕнадон палатӕйы минӕвар.

ЛАР Ӕхсӕнадон палатӕйы делегаци ивгъуыд къуыри ӕрцыд республикӕмӕ ӕртӕбонон кусӕгон балцы. Балцы сӕйраг фӕстиуӕг у ӕхсӕнадон палатӕты разамонджытӕ Алексей Карякин ӕмӕ Куыдзеты Сергейы хсӕн бадзырд " Луганскы Адӕмон республикӕйы Ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадон палатӕйы хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды фӕдыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0