"Югосетпотребнадзор" коронавирусы тыххӕй: фӕрынчын сты ноджы 13 адӕймаджы

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Рафыссын
Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны саразгӕ иртӕстыты нымӕц ахызт 20 минӕй. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, низы уӕвынад сбӕрӕг ис 3205 адӕймагӕн

ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 13 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, ӕрхаста майрӕмбоны иртӕстыты бӕрӕггӕнӕнтӕ санитарон уагдоны хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна. 

Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты сом райсом.

"Майрӕмбоны сарӕзтам 95 тесты, ӕвӕрццаг фӕстиуӕг рабӕрӕг 13 адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Уый бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз пациенты, дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл къуырисӕры райсоммӕ сты 397 рынчыны.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны саразгӕ иртӕстыты нымӕц ахызт 20 минӕй. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, низы уӕвынад сбӕрӕг ис 3205 адӕймагӕн. Сӕнӕниз сты 2808 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0