ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы куырисӕры сарӕзтой 48 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй, ӕвӕрццаг фӕстиуӕг разынд дыууӕ адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтам 48 иртӕсты, коронавирус рабӕрӕг ис дыууӕ адӕймагӕн", - загъта уый.
Уый бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой 13 пациенты, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕнӕниз сты 2821 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 387 рынчыны.
Республикӕйы ӕдӕппӕт саразгӕ иртӕстыты нымӕц схызт 20 134 онг. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, низы уӕвынад сбӕрӕг ис 3208 адӕймагӕн.