Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сарӕзтӕуыд 20 минӕй фылдӕр иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3211 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рыныны коронавирусӕй, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл 83 иртӕстӕй ӕртӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 16 сӕнӕнизуӕвӕджы, медикты хъусдарды бын ма сты 374 адӕймаджы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы территорийыл ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 218 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3211 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, 2837 пациенты сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0