Хуссар Иры рабæрæг ис æхсæз ног рынчыны коронавирусæй - "Югосетпотребнадзор"

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19.
COVID-19.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Рафыссын
Бон раздæр республикæйы рабæрæг ис æртæ фæрынчынуæвæджы COVID-19 – æй, æдæппæт пандемийы рæстæджы та низ бахæцыд 3217 адæймагыл

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой ӕхсæз ног рыныны коронавирусӕй, фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткæйы сарæзтам 68 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонæй æхсæзæн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кæй систой 12 сӕнӕнизуӕвӕджы, æдæппæт та абоны онг низæй адзæбæх сты 2849 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма стационарон æмæ амбулаторон уавæрты сты 374 адӕймаджы.

Пандемийы райдианæй республикӕйы территорийыл ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 286 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3217 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0