Футболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОФутболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ
Футболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Рафыссын
Hopes Cup 2021 турниры ӕрдӕгфиналы "Барсалан" командӕйы кӕстӕр кары футболисттӕ фембӕлдзысты "Спартак"-имӕ Нальчикӕй, хистӕр кары "Барсалантӕ" та фембӕлдзысты командӕ "Спартак – регионы"-имӕ

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты  =командӕтӕ "Барсалантӕ" ахызтысты Hopes Cup 2021 турниры ӕрдӕгфиналмӕ, кӕцы уагъд цӕуы Сочийы, загъта Sputnik командӕйы тренер Хъазиты Алан.

Нӕ республикӕйы кад турниры хъахъхъӕнынц командӕтӕ "Барсалан" ( 2010 азы гуырд спортсментӕ) ӕмӕ "Барсалан" (2011 азы гуырд спортсментӕ).

"Къуырисӕры ацӕудзӕн 2010 азы гуырд футболистты ӕрдӕгфиналон хъазт – уыдон фембӕлдзысты "Спартак"-имӕ Нальчикӕй. Дыццӕджы та 2011 азы гуырд спортсментӕ хъаздзысты командӕ "Спартак – регионы"-имӕ", - радзырдта тренер.

Финалы цыппӕрӕм хайы 2010 азы гуырд "Барсалантӕ" рамбылдтой "Оренбург" 4:0 хыгъдӕй. "Барсаланты" дыккаг командӕ фембӕлд Александр Мостовойы академийы командӕимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз сты 4:2 хыгъдӕй.

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОФутболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ
Футболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Футболон командӕтӕ Хуссар Ирӕй ахызтысты Сочийы турниры ӕрдӕгфиналмӕ

Сывӕллӕтты турнир футболӕй уагъд цӕуы Олимпиаг хъӕуы Сочийы 15 мартӕй 15 апрелы онг. Ерыстӕ уагъд цӕуынц аз цалдӕр хатт, ацы хатт турниры хайад исынц ӕрмӕстдӕр уӕрӕсейаг командӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0