Хуссар Иры улæфт бонты зынгфæдисонтæ фондз хатты ацыдысты хус кæрдæджы ссыгъдтæм

© Пресс-служба МЧС РЮО Зынгфæдисонтæ
Зынгфæдисонтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Рафыссын
Азы райдианæй цыдæриддæр зынгсирвæзттæ срегистраци кодтой, уыдон иууылдæр æрцыдысты адæймагон факторы тыххæй, банысан кодтой УУМ

ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хус кæрдæджы фондз ссыгъды цауы æрцыд Хуссар Ирыстоны ивгъуыд улæфт бонты, УУМ кусджытæ зынгсирвæзттæ хуыссын кæнынмæ ацыдысты Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгмæ, хъæутæ Сатихъар (Цхинвалы район), Хъорнис æмæ Алибар (Знауыры район), афтæ ма микрорайон "Хурзæрин"-ы сæрмæ къуылдымтыл, фехъусын кодтой Sputnik уæлвæткон уагдоны радгæсон хайады.

Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ

Агентады ныхасæмбал куыд банысан кодта, афтæмæй "Хурзæрин"-ы сæрмæ кæрдæг ссыгъд зынвадат бынаты, бацæуæн æм нæ уыд сæрмагонд техникæйыл, уымæ гæсгæ зангфæдисонты бахъуыд арт хъуыссын кæнын къухæй.

"Ссыгъды тыххæй нæм хъусинаг æрбацыд хуыцаубоны 15.10 сахатыл. Арт кæронмæ ахуыссын кодтой 20.05 сахатмæ", - загъта уагдоны минæвар.

Уый ма банысан кодта, азы райдианæй фæстæмæ зынгирвæзттæ иууылдæр кæй æрцыдысты адæмæн сæхи аххосæй: "кæрдæг ничи æркæрды, фæлæ йыл бафтауынц арт".

Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы сæрд Кавказы уыдзæн тынг æнтæф, уым гæсгæ гæнæн ис æмæ сарæх уой зынгсирвæзттæ дæр æнæ адæймаджы аххосæй дæр. УУМ банысан кодтой, уагдон кæй у цæттæ алыгъуызон уæлвæткон уавæртæм, сæ нымæцы æнтæф сæрдмæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0