ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт ӕмӕ адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Тасойты Инал фембӕлдысты Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты хуссарирыстойнаг миссийы минӕвӕрттимӕ.
Ӕххӕстбарджыны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды уынаффӕ цыд ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны фӕдыл мӕгуыстадыл Сырх дзуары минӕвӕрттӕ Карина Свефельт ӕмӕ Сенем Шкульимӕ, афтӕ ма офисы сӕргълӕууӕг Кармен Эчесаретимӕ.
"Сырх дзуары минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой сӕ рауӕрӕхгонд нывӕзттӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты тыххӕй. Фарсытӕ ӕхсызгонӕй банысан кодтой, ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртӕварсон координацион механизмы (кӕцы архайы Сырх дзуары эгидӕйы бын) хайадисджыты куыст кӕй фӕактивондӕр ис коронавирусы пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый тыххӕй)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хуссарирыстойнаг хицауады минӕвӕрттӕ бузныг загътой Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты минӕвӕрттӕн се 'ххуысы тыххӕй.