ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Зæххæнкъуыст 3,4 магнитудæимæ æрцыд æртыццæджы, æмбисбонмæ æввахс Цхинвалæй 53 километры дæрддзæф, Гуырдзыстоны территорийыл, хъусын кæны Европæйаг сейсмологион центр.
Зæххæнкъуысты эпицентр ссис Къуаисайæ 10-12 километры дæрддзæфæн район, фынæй вулкан Кабаргинмæ хæстæг.
Къуаисайы цæрджытæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй абон нæ, фæлæ цалдæр боны размæ банкъардтой зæххын бын æнкъуыстытæ, уыдон фæстиуæгæн хæдзæртты аскъуыдтæ сты къултæ.
Пырхытæ æмæ зианбаййафджыты тыххæй ницы бæрæггæнæнтæ æрбацыд нырма Хуссар Иры уæлвæткон уагдонмæ.