Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой аст ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт рабӕрӕг кодтой 3 252 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой аст ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, ӕртыццӕджы Югосетпотребнадзоры лабораторийы кӕй сарӕзтой 84 иртӕсты коронавирусы фӕдыл.

"COVID-19-ы фӕдыл тесттӕй аст радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Афтӕ ма уый бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой цыппар адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 883 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 369 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтӕуыд 20 709 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 252 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0