Цхинвалы ацӕудзӕн Тасойты Игоры концерт

© Sputnik / Наталья АйриянТасойты Игорь
Тасойты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2021
Рафыссын
Популярон ирон ӕххӕстгӕнджыты экстрадон номыртӕй дарддӕр цхинвайлаг кӕсджытӕ фендзысты республикӕйы гимнастикӕйы командӕйы ралӕуд дӕр

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн популярон хуссарирыстойнаг ӕххӕстгӕнӕг Тасойты Игоры солон концерт, радзырдта Sputnik зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.

Игорь Тасойты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2021
Зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон фестиваль "Гуляй и пой душа"-йы

Концерт ацӕудзӕн майрӕмбоны 19.00 сахатыл Культурӕйы хӕдзары.

"Мадзал нывонд у Сталиниры хорз адӕмӕн. Концерты хайад райсдзысты Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕ Хадыхъаты Алла, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Дыгъуызты Сабина. Концерты амонӕг – Андрей Клинчаев. Афтӕ ма концерты ралӕудзысты ӕвзонг ӕххӕстгӕнӕг Икъаты Милена, Хуссар Ирыстоны командӕ гимнастикӕйӕ ӕмӕ адӕмон кафты ансамбль "Ирон", - загъта зарӕггӕнӕг.

Уымӕй дарддӕр, ӕввахс рӕстӕджы бавдисдзысты проект "Советон зарӕг".

"Мӕнмӕ фӕзынд концерт ауадзыны хъуыды. Уый тыххӕй фехъусын кодтон профессионалтӕн – ансамбль "Бонвӕрноны" хайадисджытӕн – уыдон зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыд ацы хъуыды. Уырны мӕ, фыццаг концерт кӕй ацӕудзӕн 20 апрелы", - бахахх кодтой Тасойты Игорь.

Уый ма бафтыдта, культурон мадзалы хайад кӕй райсдзӕн джазон коллектив Цхинвалӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0