Фӕндаг Захъхъор-Монастер хъӕуы сцалцӕг кӕнын – районы хицауад исы рӕстӕгмӕ мадзӕлттӕ

© Пресс-служба администрации Ленингорского районаФӕндаг Захъхъор-Монастер
Фӕндаг Захъхъор-Монастер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Районы администрацийы фӕрӕзтӕй цалцӕгӕн дӕргъвӕтин эффект нӕ вӕййы, фӕндаджы хъӕуы капиталон цалцӕг

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цъыф ӕмӕ дурты ӕркалд фехӕлдтой фӕндаг Захъхъор – Монастер Ленингоры районы, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.

© Пресс-служба администрации Ленингорского районаФӕндаг Захъхъор-Монастер
Фӕндаг Захъхъор-Монастер хъӕуы сцалцӕг кӕнын – районы хицауад исы рӕстӕгмӕ мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Фӕндаг Захъхъор-Монастер

Захъхъор – Монастер у иууыл цыбырдӕр фӕндаг, кӕцыйы уылты Монастер ӕмӕ Абреуы хъӕуты цӕрджытӕн фадат ис бацӕуын Ленингоры поселокмӕ, фӕндаджы дӕргъ у 11 километры. Фӕлӕ фӕндаджы ӕвзӕр уавӕры тыххӕй хъӕуы цӕрджытӕ цӕуынц Громы хъӕуы уылты.

"Районы ЦКХ кусджытӕ арӕх ныккалынц фӕндагыл хуыр, фӕлӕ йӕ хъӕуы капиталон цалцӕг, уымӕн та бынӕттон бюджеты фӕрӕзтӕ нӕй. Хорз уыдаид, паддзахад куы баххуыс кодтаид проблемӕ аиуварс кӕнынӕн – ӕрмӕст финанстӕй нӕ, фӕлӕ ма сӕрмагонд техникӕйӕ дӕр", - хъусын кӕны Гулиты Владимиры ныхӕстӕ районы пресс-службӕ.

Кокойты Анжела банысан кодта, фӕндаг кӕй хъӕуы рауӕрӕх кӕнын, цӕмӕй хӕдтулгӕтӕ цӕуой дыууӕ фарсыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0