Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 3 259 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 2 894 адӕймаджы сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой авд ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Цыппӕрӕмы сарӕзтӕуыд 79 иртӕсты, уыдонӕй коронавирус сбӕрӕг кодтой авд адӕймагӕн", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ систой 11 адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 894 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 365 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтӕуыд 20 788 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 259 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0