МХМ фехъусын кодтой Хуссар Иры криминогенон уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органы радзырдтой ивгъуыд къуырийы фыдракӕндтӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард иу адӕймаг. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры милици рахызт дарӕсы сӕрдыгон формӕмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2021
Хуссар Иры милици рахызт дарӕсы сӕрдыгон формӕмӕ

Афтӕ ма, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 174 фӕткхалды.

"Иу шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протокол автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр, ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй цыппары – ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0