Цхинвайлаг боксер стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагады

© Из архива тренера А. ДзигоеваГӕджиты Гурам
Гӕджиты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Рафыссын
Гӕджиты Гурам фыццаг хатт нӕ тох кӕны Уӕрӕсейы фыццагады. 2019 азы уый ссис ацы ерысты финалист, райста балцӕг Европӕйы фыццагадмӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг ӕхсӕрдӕсаздзыд боксер Гӕджиты Гурам стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагады ӕрыгӕтты хсӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат рамбылдтой Цæгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2019
Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат рамбылдтой Цæгат Иры фыццагад

Ерыстӕ цӕудзысты Уӕрӕсейы горӕт Анапайы 10-18 апрелы. Ерысты фысымтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 300 архайӕгмӕ Уӕрӕсейы 60 регионӕй.

"Гӕджиты Гурам тох кӕны 2005-2006 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн. Фӕстаг рӕстӕджы рахызт 66 кг уӕзмӕ. Хорз цӕттӕ у. Фӕлӕ дзы конкуренци дӕр стыр ис, йӕ категорийы тох кӕны 21 лӕппуйы", - загъта тренер.

Гӕджиты Гурам фыццаг хатт нӕ тох кӕны Уӕрӕсейы фыццагады. 2019 азы уый ссис ацы ерысты финалист, райста балцӕг Европӕйы фыццагадмӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы аз боксӕй континенталон ерысты фысым уыд Гуырдзыстон ӕмӕ дзы ӕппӕт командӕ нӕ райста хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0