Хуссар Иры тобӕ сӕвӕрдтой ӕнахъомтӕн электронон тамакотӕ уӕй кӕныныл

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры тобӕ сӕвӕрдтой электронон тамакотӕ уӕй кӕныныл ӕнахъомтӕн
Хуссар Иры тобӕ сӕвӕрдтой электронон тамакотӕ уӕй кӕныныл ӕнахъомтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы парламенты сессийы рабадтыл дыццӕджы райстой ивындзинӕдтӕ тамакойы фӕдыл законмӕ

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны тобӕ сӕвӕрдтой электронон тамакотӕ уӕй кӕныныл ӕнахъомтӕн. Парламент дыццӕджы хорзыл банымадта ивындзинӕдтӕ тамакойы фӕдыл законмӕ.

Цхинвалы дарддæр дзурынц электронон тамакойы æппæрццаг æндæвдадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Цхинвалы дарддæр дзурынц электронон тамакойы æппæрццаг æндæвдадыл

Кӕцыдӕр депутаттӕ банхъардтой тобӕ сӕвӕрын ацы тамакотӕ ласын ӕмӕ уӕй кӕныныл алкӕмӕндӕр.

"Искӕцы ӕнахъом ракуырдзӕн хистӕртӕй балхӕнын электронон тамакотӕ. Ацы ивындзинӕдтӕ нын ницы ратдзысты", - загъта депутат Мулдарты Гарри.

Вице-спикер Гасситы Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, базары ис бирӕ аслам 20 сомы аргъ тамакотӕ, кӕцытӕ дӕс хатт фылдӕр зиан хӕссынц электрононтӕй.

"Мах тыхсын кӕнынц электронон тамакотӕ, кӕцытӕ зиан хӕссын организмӕн. Фӕлӕ уыимӕ иумӕ, мах ныууадздзыстӕм тамакотӕ, кӕцытӕ фылдӕр зиан хӕссынц. Уый раст нӕу", - загъта Гасситы Петр.

Спикер Тадтаты Алан банхъардта ӕркӕсын ивындзинӕдтӕм бавдисгӕ редакцийы, уый фӕстӕ та ноджы иу хатт ӕркӕсын ацы фарстмӕ. Ивындзинӕдтӕ райстой ӕмхъӕлӕсӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0