ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы аз уалдзæджы нуазыны доны проблемӕ актуалон нӕ уыдзӕн. Цхинвалы 70 проценты бæрц ифтонг кæнын райдыдта ног "Уанат-Цхинвалы" донхаххӕй, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта "Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
Фӕстаг цалдӕр боны столицӕйы кӕцыдӕр районты рацыд змӕст дон. Уагдоны информацимæ гæсгæ, доны уавæр æдзух бæрæг кæнынц специалисттæ.
"Ацы афоны дӕттӕ размӕнтынц. Брытъаты гом хахх уалдзæджы бынтондӕр ахицӕн кӕнӕм, фӕлӕ Едысы дон дӕр чысыл размӕст. Уымæ гæсгæ фæзынд проблемæтæ кæцыдæр районты", - бамбарын кодта аххосаг уый.
Джиоты Ингайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕ ацы уалдзӕджы раздӕры хуызӕн проблемӕтӕ кæй нал æвзардзӕн.
"Раздæр æзты-иу уалдзæджы куыстам графикмӕ гӕсгӕ, ныр нæ Уанаты дон ирвӕзын кӕны, уымæ гæсгæ нуазыны доны цухдзинады проблемæ дӕр афтӕ актуалон нал у. Горӕты цӕрджыты 70 проценты ныр дон исынц Уанаты хаххӕй, уый суткӕ дӕтты 12 мин кубы", - радзырдта уый.
"Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг бафтыдта, ацы аз сӕрмагонд нывӕзтмӕ кӕй ракодтой ӕрмӕст Дзау ӕмӕ Цхинвалы цӕгаттаг микрорайонтӕ. Уым дӕр дон ӕрлӕууы ӕрмӕст ӕнафоны - ӕхсӕв фыццаг сахатӕй райсом ӕхсӕзмӕ.